Хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ экологи: милици сиды Хуссар Иры улӕфджытӕм ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинад

© Пресс-служба МВД РЮОМилици сиды Хуссар Иры улӕфджытӕм ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинад
Милици сиды Хуссар Иры улӕфджытӕм ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕрдыгон период барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ уадзынц профилактикон баныхас улӕфджытимӕ

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Знауыры районы цадтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты донбылгӕрӕтты удлӕфджыты бафӕдзӕхстой ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын фӕдыл, афтӕ ма сӕм ӕрсидтысты хъус ӕрдарын экологимӕ. Профилактикон баныхас ауагътой мидхъуыддӕгты районон хайады кусджытӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сезон байгом: Хуссар Иры райдайдзысты рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты

"Мах фӕдзӕхсӕм улӕфджыты, цӕмӕй сӕхи ма найой нозтджынӕй, ныййарджытӕ та ӕнӕ хъусдардӕй ма уадзой сӕ сывӕллӕтты. Афтӕ ма мах сидӕм ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй сӕ фӕстӕ ӕфснайой ӕмӕ ма уадзой судзгӕ арт. Ацы сӕрд нырма ницы цаутӕ ӕрцыд", - загъта Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады ӕнахъомты фӕдыл инспектор Гатыгкоты Валентина.

Уымӕй дарддӕр, милицийы кусджытӕ фӕдзӕхсынц, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ на найой ӕнӕзонгӕ бынӕтты.

Хуссар Ирыстоны улӕфӕн бынӕтты рейдтӕ уагъд цӕуынц ӕрвылбон найӕн сезоны кӕронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0