Терчы ссардтой сылгоймаджы буар. Цæгат Иры ДИФ хъусын кæнынц, чидæр æй кæй амардта

Рафыссын
Ацы фыдракæнд саразыны барадхъахъхъæнджыты зæрдæ æхсайы сылгоймаджы æмдзæрин - республикæйы Горæтгæрон районы 55-аздзыд цæрæгмæ

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Терчы цæугæдоны ссардтой алагиры 60-аздзыд цæрæг сылгоймаджы мæрдон буар, кæцыйы, развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, чидæр амардта, хъусын кæны 15 регион.

Дзӕуджыхъӕуы Хуссар Иры 28-аздзыд цӕрӕг амардта йӕ зонгӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры 28-аздзыд цӕрӕг Дзӕуджыхъӕуы амардта йӕ зонгӕйы

Порталы информацимæ гæсгæ, сылгоймаджы цæсгом, къухтæ æмæ къæхтыл зынд фыдмарды бæрæггæнæнтæ. Ацы фыдракæнд саразыны барадхъахъхъæнджыты зæрдæ æхсайы сылгоймаджы æмдзæрин - республикæйы Горæтгæрон районы 55-аздзыд цæрæгмæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы бон, æрдзы хъæбысы улæфгæйæ, дыууæйы æхсæн æрцыд хыл, уый фæстиуæгæн сылгоймаг ахауд æмæ ныццавта йæ сæр. Уый фæстæ йын нæлгоймаг цалдæр хатты йæ сæр ныццавта дурæй, стæй йын йæ мæрдон буар ныппæрста Терчы.

Нæлгоймаджы æрцахстой, уый басаст йæ фыдракæндыл, ныр æм æнхъæлмæ кæсы 15 азы онг ахæстон.

Ног хабӕртты лентӕ
0