Цхинвалы дзулфыцæн комбинат срæвдз кодта бынæттон хомæгæй рауагъдад

© Photo : PixabayЦхинвалы дзулфыцæн комбинат срæвдз кодта бынæтон хомæгæй рауагъдад
Цхинвалы дзулфыцæн комбинат срæвдз кодта бынæтон хомæгæй рауагъдад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амалиуæгады бындурыл арæзт цæуынц бынæттон мæнæуæй задын æмæ дзулы ног хуыз

ЦХИНВАЛ, 12 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинаты бындурыл срæвдз кодтой бынæттон хомæгæй дзул, задын æмæ квасы рауагъдад. Продукци цæттæ цæуы Знауыры районы Бехъмар æмæ Мугуты хъæуты æркæнгæ тыллæгæй, фехъусын кодта Sputnik комбинаты хистæр Цхуырбаты Вадим.

"Бынæттон хæдзарадтæй хорз гъæд тыллæг кæмæн ис, ахæмтæй æлхæнæм мæнæу Бехъмар æмæ Мугуты хъæуты. Мæнæу ссад цæуы бынæттон куыройы рагон ирон методмæ гæсгæ – æхсад мæнæу цæуы ссад сортыл æнæдихгæнгæйæ, у 96% процентон ставд лæхурд. Дзулы ног хуыз арæзт цæуы нæхи æрымысгæ рецептмæ гæсгæ, цы ран мах баиу кæнæм ставд лæхурд ссад æмæ зады ссад. Нырма уал суткæйы комбинат уадзы 200 иуæджы бæрц", - загъта директор.

Дзулæй дарддæр ма амалиуæгады бындурыл ныр цалдæр мæй уагъд цæуы ирон къæбицы зындгонд адджинаг – задын, æмæ уæрæсейаг адджын нозт квас.

Дзул дын атухдзысты… газеты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзул дын атухдзысты… газеты

"Ныр цалдæр мæйы дæгъы уадзæм задын. Сæрмагонд æрмæгыл йæ ныттæнæг кæнынц æмæ йæ афтæмæй æвæрынц пецты, цæттæ цæуынц æнæ сой æмæ сæкæрæй. Конд сты экологон сыгъдæг хомæгæй. Адджын ад ын дæтты зад. Квас та цæттæ цæуы æнæ порошок æмæ æфтауæнтæй", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0