ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бакусдзæн канадæйаг ахуыргонд-иранист, профессор Ричард Фольцæн бæстæйы æмбæстагад раттыны фарстыл, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.
Ирыстоны цæрджытæ фæстаг цалдæр къуырийы сæ хъус дарынц зынгæ канадæйаг ахуыргонды хъысмæтмæ. Профессор Ричард Фольц æрцыд Ирыстонмæ, цæмæй ныффысса чиныг ирæтты тыххæй. Уый ракуырдта дзæуджыхъæуккаг чыгз Хъиргъуаты Фатимæйы æмæ йæ фæндыд цыдæр рæстæг ацæрын йæ цардæмбалы фыдыбæстæйы. Фæлæ Цæгат Иры ахуыргондæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар. Уыцы хабæртты тыххæй адæм базыдтой, Фатимæ сæ Facebook йæ фарсыл кæй ныффыста, уый фæрцы.
"Ахæм куырдиат æцæгæй дæр æрбацыд президенты номыл. Ууыл кусынц æмбæлон органтæ. Ис бæлвырд процедурæ æмæ уый хъуамæ æрцæуа æххæст", - загъта Гасситы Дина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг æвæрццагæй куы аскъуыддзаг уа, уæд ахуыргонды бахъæудзæн Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын.
Цæгат Иры ахуыргондæн рæстæгмæ цæрыны бар кæй нæ радтой, уый тыххæй бинонты бахъуыд ацæуын республикæйæ.