ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацыд Зонад-иртасæн институты Ирыстоны ног историйы хайады хистæр зонадон кусæг, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къостайы æртæтомон рауагъд "Понятие "окна возможностей" применительно к интеграционно-воссоединительному процессу Осетии"-йы презентаци.
Мадзал ацыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты актон залы 14 августы. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кусджытæ.
Мадзал райдыдта Дзугаты Къостайы доклад "Сталинские расстрельные списки и репрессии в 1937-1938 годов в Южной Осетии"-йæ, кæцы сæвзæрын кодта дискусситæ.
Раныхасы фæстæ æрæмбырдуæвджытæн фадат уыд раттын фарстытæ темæйы фæдыл.
"Ахуыргонды куысты пайдагонд æрцыд архивон æрмæгæй, кæцытæ зындгонд нæ уыдысты хуымæтæг кæсæгæн . 1937-1938 æзты репресситæ адæмы хъуыдыйы ныууагътой уæззау фæд. Фидарæй мæ уырны, йæ куыст стыр цымыдис сæвзæрын кæндзæн", - загъта Зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.
Мадзалмæ ма фæуазæг сты Уæрæсейы минæвæрады минæвæрттæ, ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ æмæ Зонад-иртасæн институты кусджытæ.