https://sputnik-ossetia.com/20200814/Tskhinvaly-fud-kny-Khussar-Iry-zyngkhuyst-khaytartn-memorialy-arztad-11009598.html
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад
Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтады рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындӕй проектмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ – уый ссис егъаудӕр 14.08.2020 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2020-08-14T10:38+0300
2020-08-14T10:38+0300
2020-08-14T10:57+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/0e/11009300_0:226:3072:1964_1920x0_80_0_0_2c73ae1cdd64270f8216e9957a77a097.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2020
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/0e/11009300_0:118:3072:2048_1920x0_80_0_0_299f12ec9f75a8042b2ea3d275c9a64c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы фӕуд кӕны Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад
10:38 14.08.2020 (Ранӕуӕггонд: 10:57 14.08.2020) Арӕзтады рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындӕй проектмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ – уый ссис егъаудӕр
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Чехойты Инга. Хуссар Ирыстоны зынгхуыст хъайтартӕн Мемориалон комплексы арӕзтады фӕдыл куыстыты фылдӕр хай сӕххӕст кодтой.
Ныртӕккӕ фӕуд кӕны постаменты композицийы централон объекты облицовкӕ, цы ран сӕвӕрдзысты хъамаимӕ хӕстоны ӕртӕметрон фигурӕ, кӕцы йӕ сӕр ӕркъул кодта зынгхуыст хъайтарты мысӕнӕн. Плитӕтыл та ныффысдзысты ӕфсӕддонты нӕмттӕ, кӕцытӕ амардысты сӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Афтӕ ма дзы уыдзӕн Уастырджийы сурӕт дӕр.
Скульптурон композийы автор у Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт.
Мемориалы структурӕйы сӕвӕрдзысты республикӕйы хъахъхъӕнынады фыццаг министр Хуыбылты Валерий ӕмӕ РХИ Гарзджын тыхты фыццаг командӕгӕнӕг Джиоты Аланы бюсттӕ. Уыдон сараздзӕн Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберт.
Афтӕ ма ӕххӕст цӕуы комплексы территорийы хӕрзарӕзтад.
Мемориалон комплексы баконд нывӕндынц ауадзын ацы аз 20 сентябры Республикӕ Хуссар Ирыстоны 30 азы юбилейы бӕрӕгбоны рӕстӕджы.
Знон зынгхуыст хъайтартӕн мемориалы арӕзтад бабӕрӕг кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий. Уый банысан колдта, ацы комплексы арӕзтад ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕмы хъуыдыйы баззайой Хуссар Ирыстоны историйы нырыккон цаутӕ, афтӕ ӕфсӕддонты ӕфсӕддон-патриотикон хъомыладӕн дӕр.