"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта коронавирусы тыххæй 80 тесты фæстиуджытæ

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæТест
Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
COVID-19-æй фæстаг рынчынты Хуссар Ирыстоны рабæрæг кодтой 16 июлы. Уæдæй абоны онг республикæйы нæ фæзынд иу ног рынчын дæр

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фæстаг суткæйы дæргъы нæ рабæрæг кодтой ног рынчынтæ коронавирусæй, фехъусын кодта майрæмбоны сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг Гаглойты Анна.

COVID-19-æй фæстаг рынчынты Хуссар Ирыстоны рабæрæг кодтой 16 июлы. Уæдæй абоны онг республикæйы нæ фæзынд иу ног рынчын дæр.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу мӕймӕ ӕввахс нӕй коронавирусӕй ног рынчынтӕ

Дохтырты хъусдарды бын карантины сты 239 адæймаджы. Фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы республикæмæ æрцыд æмбæстæгты цалдæр къорды, уыдонæй фæндзайæ фылдæр æнæ карантинæй. Уыдон бавдыстой справкæтæ, кæцытæ бæрæг кодтой, уыцы адæм раздæр кæй уыдысты рынчын вирусæй æмæ сæ организмы ис антителатæ.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0