Дур æхсын æмæ бæндæн ивазын: Цæгат Иры ацыдысты "Нæртон хъæзтытæ"

© Sputnik / Александр Поляков /  Ахизын медиабанкмæЕрыстæ бæндæн ивазынæй
Ерыстæ бæндæн ивазынæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты сæйраг нысан уыд æнæниз цардуаджы пропагандæ. Хайад сæ райстой 18 азы карæй уæлæмæ фæсивæд

ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Цæгат Ирыстоны Ирæфы районы ацыдысты "Нæртон хъæзтытæ", цы ран хайад райстой 18 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм æвзонг адæм. Уый тыххæй хъусын кæны 15 регион.

Фæсивæд сæ тыхтæ æвзæрстой масс-рестлингæй, дуртæ æхсынæй, цалх æхсын æмæ æрфæлдахынæй, уæхсджытæй кæрæдзи цæвынæй, "фермерон тезгъотæй" æмæ бæндæн ивазынæй.

Ерысты фыццаг бынат бацахста Лескены хъæуы командæ, дыккæгтæ ссисты цыколайаг лæппутæ. Ноджы ма иу коллектив Лескенæй та ацыд æртыккагыл бынатыл.

Мадзал ауадзынæн финансон æххуыс бакодта Ирæфы районы къухдариуæгад.

Ног хабӕртты лентӕ
0