Знауыры сарæзтой мемориал Хуссар Иры хæстыты зынгхуыст хъайтартæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Знауыры сарæзтой мемориал 1989-2008 азы Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъайтартæн
Знауыры сарæзтой мемориал 1989-2008 азы Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъайтартæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номарæн цырт арæзт æрцыд поселочы тæккæ центры, йæ ныхмæ ис районы администрацийы бæстыхай, йæ фарсмæ Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуан. Ныридæгæн ма цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ

ЦХИНВАЛ, 19 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры центры арæзт фæцис 1989-2008 азы Фыдыбæстæйон хæсты мемориал. Зынгхуыст хъайтарты номарæн цырты арæзтад райдыдта дыууæ азы размæ уæды районы разамонæг Гæбæраты Иналы хъæппæрисæй, нывгæнæг Багаты Феликсы проектмæ гæсгæ, адæм æмæ хицауады хæрдзтæй.

Номарæн цырт арæзт æрцыд поселочы тæккæ центры, йæ ныхмæ ис районы администрацийы бæстыхай, йæ фарсмæ Фырсыгъдæг Мад Майрæмы хъæдæй конд аргъуан. Ныридæгæн ма цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ.

"Адæмы бафæндыд, мах та йæ сорганизаци кодтам. 2018 азы фæрæзтæ æмбырд райдыдтой, фæкаст нæм президент Бибылты Анатолий дæр. Адæм æм æнхъæлмæ кастысты рагæй. Нæ районы 1989 азæй 2008 азы онг стыр хабæрттæ рцыд, уыдонæн ферох кæнæн нæй. Хъуамæ йæ нæ кæстæртæ дæр зоной", - загъта депутат, арæзтады инициатор Гæбæраты Инал.

7 метры бæрзæндæн мемориалон композици у цалдæр скульптурæйæ конд — йæ центры æвæрд ис дзуар, йæ фарсмæ хъынцъымгæнæг ныййарæг йæ хотыхджын фырт æмæ чысыл лæппуимæ.

"Раздæр ам уыд хисæрмагонд кæлæтдзаг хæдзар. Азы кæронмæ хъуамæ йæ хæрзарæзтад дæр фæуа", - бафтыдта уый.

Проект сцæттæ кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Багаты Феликс, кæцы уымæй размæ бацæттæ кодта Ленингоры районы дæр Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цырт.

© Sputnik / Natalia Airiyan Памятник защитникам отечества 1989 г.- 2008 г. в Знауре
Знауыры сарæзтой мемориал Хуссар Иры хæстыты зынгхуыст хъайтартæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Памятник защитникам отечества 1989 г.- 2008 г. в Знауре
Ног хабӕртты лентӕ
0