ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Ирон бизнесмен Уанеты Вадим бадæтта куырдиат Ростовы областы Арбитражон тæрхондонмæ - уый куры, цæмæй йæ банымайой банкротыл. Хабары тыххæй хъусын кæны ИА "ДОН 24", Ростовы областы хицауадæй ратæдзæныл æнцойгæнгæйæ.
Цхинвалæй ацæугæ, 59-аздзыд амалиуæггæнæг фехъусын кодта, кæй йын ис 500 мин сомæй фылдæр хæс, кæцыйы хъуамæ бафыстаит æртæ мæйы размæ. Кæд æмæ йын йæ куырдиатæн тæрхондон разыйы дзуапп раттæ, уæд райдайдзæн Уанеты Вадимы хисæрмагонд исад уæй кæныны процедурæ.
Уанеты Вадим - ирон бизнесмен, Уæрæсейы егъау агросæудæджерадон холдинг "Евродоны" бындурæвæрæг æмæ хицау. 2017 азы сæрды уый бакодта Хуссар Ирыстоны столицæйы фыдызгъæлы завлд "Растдон", кæцы йæ куысты фыццаг азы рауагъта 100 тоннæй фылдæр фыдызгъæлон продукци.