ЦХИНВАЛ, 20 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Знауыры районы Уæллаг Дзагъинайы хъæу рацух ис цæрджытæй, фæлæ дзы уыимæ уазджыты нымæц та кæны фылдæрæй-фылдæр. Бæлцæтты ардæм æлвасынц дзуæрттæ, 16 æнусы æлдæртты гӕнӕхтӕ ӕмӕ 800-аздзыд сусхъæд æгæрон стыр бындзæфхадимæ.
Дзагъинайы фендтаг объекттæ цымæ иу ран æрбамбырд кодтой, уыйау хъæуы сæрмæ сыхагиуæг кæнынц. Къуылдымæй фæлгæсы æртæуæладзыгон фидар, йæ фарсмæ "æвзонгдæр" амады кæлæнтæ, чысыл бындæр сывæллæтты кувæндон æмæ Ирыстоны алы къуымты хъуыстгонд рагон сусхъæд.
"Афтæ зæгъынц, зæгъгæ, ацы сусхъæдыл цæуы 850 азы. Йæ ас, йæ хуыз тынг цымыдисон сты æмæ бирæ адæм æрбалæууынц нæ уынджы йӕ уынӕг. Фылдæр цымыдис æвзæрын кæны æрцæуæггæгтæм. Стæй ма хæстæг æвæрд рагон арæзтæдтæ дæр сты фендтаг", - радзырдта хъæуы цæрæг Гæджиты Георгий.
Сусхъæды кар бæлвырд кæны ахуыргонд, Зонад-Иртасæн институты истори æмæ этнологийы зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег дæр.
"Хуссар Иры иууыл хистæр бæлас ис Дзауы районы Жриайы хъæуы, у зазбæлас æмæ йыл цæуы 1750 азы бæрц. Фæлæ сусхъæдтæй та ацы бæлас у иууыл хистæр республикæйы, цæуы йыл 800 азæй фылдæр, уый ивгъуыд æнусы уæрæсейаг ахыргæндтæ сбæлвырд кодтой", - загъта уый.
Сусхъæды фарсмæ цы кувæндон ис, уырдæм стæм хуыцаубоны нæ рбацæуынц адæм.
"Тынг бирæ адæм æрбацæуынц ардæм хуыцаубонты, æрбакæнынц сæ сывæллæтты æмæ сæ бафæдзæхсынц ацы бардуагæн", - дзуры Георгий.
Йæ уæлдæр ис феодалон галуан, кæцыйы абон хъæу нысан кæны Гомарты дзуары бон. Дзуарӕн йӕ сӕйраг кувӕндон ис сыхаг хъӕу Уахтанамӕ хӕстӕг.
"Фидарæй мæсыджы амады аз зæгъæн ис, йе 'рмæгæн йын ахуыртæ куы скæной, уый фæстиуæгæн, фæлæ уый лæууы зынаргъ. Йæ архитектурæмæ гæсгæ у XVI æнусы кӕрон, науӕд та XVII райдайæны. Йæ бæрзæнд уыдзæн 19 метры бæрц. Галуаны комплекстæ та Ирыстоны арæзт цыдысты XVII-XVIII", - загъта Sputnik ахуыргонд Мæргъиты Ирбег.
Мæсыг ис, хуыздæр бахъахъхъæд чи рцыд, уыдон нымæцы, бынæттон цæрджытæ йæ хонынц æртæуæладзыгон. Ноджы ма иу мæсыг та ис чысыл бындæр хъæуы мидæг. Бытæттон цæрджытӕ куыд дзурынц, афтæмæй ма ацы дыууæ мæсыджы хсæн ивгъуыд æнусы кæрон дæр уыд зæххы бынты сусæг фæндаг.
"Афтæ фæзæгъынц, уыцы сусæг фæндаджы дам лæг лæугæйæ цыд. Фæлæ ныр уыцы фæндаг фесæфт", - банысан кодта Георгий.
Мæргъиты Ирбегы хъуыдымæ гæсгæ, ацы мæсыг йæ уæллаг сыхагæй у ножы рагондæр.
"Йе 'ддаг сис æмæ мæсыг йæхæдæг дæр рагондæр амад у. Мидæмæ йæм дон дæр цыд, уый та дзурӕг у ууыл, фидарыл æрхъула кæй бафæрæзтаид дæргъвæтин рæстæг", - бафтыдта Мæргъиты Ирбег.
Рагон мæсыджы мидæг республикæйы рæстдинонтæ сæвæрдтой уазнывтæ, ныр йæ фыццаг уæладзыг райста кувæндоны хуыз.