ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты фӕсарӕйнаг аразджытӕ, кӕцыты фӕхуыдтой инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты объектты арӕзтады хайад райсынмӕ. Уыдон хъуамӕ дыууӕ къуыри арвитой карантины, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Афтӕ ма уый банысан кодта, республикӕйы коронавирусӕй ног рынчынтӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц 16 июлӕй фӕстӕмӕ.
"Республикӕмӕ ӕрцыд 23 аразӕджы. Уыдон иууылдӕр сты карантины. Иумӕйагӕй медикты хъусдарды бын карантины сты 191 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.
Знон Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой аст тесты, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ. Пандемийы райдайӕнӕй хуссарирыстойнаг специалисттӕ ауагътой 4400 басгӕрсты.
Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.