Кусӕм проблемӕйыл: Хуссар Иры парламенты спикер продуктты ӕрбаласты фарсты тыххӕй

© SputnikТадтаты Алан
Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг радзырдта республикӕйы арӕныл уавӕр ӕмӕ продуктты ӕрбаласты проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ хӕлцадон продуктты ӕрбаласты проблемӕ, кӕцы республикӕйы арӕх фӕзыны, скъуыддзаг цӕуы, фехъусын кодта парламенты спикер Тадтаты Алан йӕ интервьюйы закондӕттӕг органы информацион-аналитикон хайадӕн.

Хуссар Иры Ахуырады министрады радзырдтой, кӕд райдайдзӕн ног ахуырадон аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Ахуырады министрады радзырдтой, кӕд райдайдзӕн ног ахуырадон аз

"Афтӕ мачи хъуыды кӕнӕд, ӕмӕ ацы проблемӕйыл куыст нӕ цӕуы. Знон ацыд Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ ӕмӕ Цӕгат Кавказы таможнӕйы къухдариуӕгады фембӕлд ацы фарсты фӕдыл. Республикӕйы президент, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зонгӕ у ацы проблемӕтимӕ ӕмӕ кусы нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ. Мӕн уырны, проблемӕ ӕввахс рӕстӕджы кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты", - фехъусын кодта спикер.

Афтӕ ма Тадтаты Алан загъта йӕ хъуыды арӕны сӕхгӕды тыххӕй социалон хызӕгты негатив кӕй сарӕх, уый тыххӕй. Уый банысан кодта, критикӕ фылдӕр хатт кӕй кӕнынц фейкон фарсытӕй.

"Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы гоймӕгтӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ ма уой, фӕлӕ хӕстӕг паддзахады цӕрджытӕ, кӕцы фӕнд кӕны дестабилизаци кӕнын уавӕр Республикӕйы", - бахахх кодта парламенты спикер.

Афтӕ ма уый бафтыдта, зӕгъгӕ, республикӕйы къухдариуӕгад цы мадзӕлттӕ райста коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл, уыдон радтой ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ.

Тадаты Алан банысан кодта, коронавирус медицинон уагдӕттӕй куы рахиза, уӕд фӕивдзӕн цӕрджыты цард дӕр – ахуырадон азы райдайӕн дӕр уӕд аргъӕвдзысты. Спикер фидарӕй загъта, коронавирусы ныхмӕ вакцинӕ, кӕцы сарӕзтой Уӕрӕсейы, тагъд рӕстӕджы ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ хъӕуы бафӕразын уӕдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0