Банымады бонмӕ Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты фӕндагон змӕлд цалдӕр уынгыл

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Милицийы кусджытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы дыццӕг ӕмӕ ӕртыццӕджы

ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны боны цытӕн 25 ӕмӕ 26 августы ӕрӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд Цхинвалы цалдӕр уынгыл.

Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй дыццӕджы, 25 августы, 12.00 сахатӕй ӕрӕхгӕндзысты фӕндагон змӕлд Пушкины - Лужковы уынгтӕ ӕмӕ Пушкины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспекты алвӕндӕгтыл. Уыцы рӕстӕджы киноконцертон зал "Чермен"-ы ацӕудзӕн республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕртты бӕрӕгбонон ӕмбырд. Бӕстыхаймӕ бахизӕны сӕвӕрдзысты контролон-уадзӕн пункт дӕр.

"Ӕртыццӕджы, 26 августы, 10.00 сахатӕй сӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд Путины уынджы хайыл Ирӕтты уынгӕй стадионы онг, афтӕ ма ӕрӕхгӕндзысты Цоциты Василийы уынг Ӕнусон Арты мемориалмӕ дидинтӕ сӕвӕрыны рӕстӕджы. 18.00 сахатӕй Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕрӕхгӕндзысты Театралон фӕзуат бӕрӕгбонон концерт ауадзыны нысанӕн", - радзырдтой уагдоны.

Афтӕ ма бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ауадзыны бынӕтты Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ ауадздзысты инженерон-саперон разӕсгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0