МХМ хистӕры амарын бафӕлварыны цауы басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ наркотиктӕ

Рафыссын
Министры хӕдтулгӕ фехстой 17 августы 8 июны уынгыл. Йӕхӕдӕг уыд хӕдтулгӕйы, фӕлӕ нӕ бахъыгдард

ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕджы фехсыны цауы фӕдыл фӕдагуырды рӕстӕджы оперативон кусджытӕ ссардтой хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ нӕмгуытӕ, афтӕ ма наркотикты егъау бӕрцуат, хъусын кӕны Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ хӕдтулгӕ фехсыны цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министры хӕдтулгӕ фехсыны цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг

Министры хӕдтулгӕ фехстой 17 августы 8 июны уынгыл. Йӕхӕдӕг уыд хӕдтулгӕйы, фӕлӕ нӕ бахъыгдард.

Генералон прокуратурӕйы фехъусын кодтой, фӕдагуырды хайад МХМ ӕмӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) оперативон службӕтимӕ иумӕ дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕны оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ уголовон хъуыддаджы фӕдыл.

"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты ссардтой хӕцӕнгарзы дӕс иуӕджы, сӕ нымӕцы автоматикон дӕр, алыгъуызон калибры ӕртӕ мин нӕмыджы, афтӕ ма цалдӕр рӕмудзӕн ӕрмӕджы", - радзырдтой Генпрокуратурӕйы пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр, оперативон кусджытӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой наркотикон буарадты егъау бӕрцуат ӕмӕ сбӕрӕг кодтой наркотикон буарадтимӕ зайӕгойтӕ зайын кӕныны цаутӕ.

Цалдӕр адӕймаджы ӕрбакодтой барадхъахъхъӕнӕг органтӕм, уыдонимӕ уагъд цӕуынц ӕмбӕлон процессуалон мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0