Нӕ нӕ хъӕуы дистанцион ахуыр: Дзауы районы скъолаты цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаБитеты Мария
Битеты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы ахуыры хайады куыд радзырдтой, афтӕмӕй ныртӕккӕ сӕ сӕйрагдӕр хæс æмæ куысты сæр у скъолатæ æмбæлон уагмæ æркæнын, афтæ ма ахуыр-хъомыладон фарстытæ аскъуыддзаг кæнын æмæ ахуыргæнæн программæтæ æрбæстон кæнын

ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik, Дриаты Лейла. Дзауы районы скъолаты цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ, районы ахуырады хайады кусджытӕ хатдзæгтæ аразынц ивгъуыд азы фæстиуджытæн æмæ нывӕндынц сæ дарддæры бакæнинаг куыстæ.

Районы ахуыры хайады гæс Битеты Мария куыд радзырдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ сӕ сӕйрагдӕр хæс æмæ куысты сæр у 5-æм сентябрьмæ скъолатæ бацæттæ кæнын æмæ сæ æмбæлон уагмæ æркæнын, афтæ ма ахуыр-хъомыладон фарстытæ скъуыддзаг кæнын, ахуыргæнæн программæтæ æрбæстон кæнын.

"Алы аз дæр не скъолаты цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ æмæ нæ ацы аз уадиссаг ницы аразын бахъуыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис нын чысылкуыстытӕ æмæ сæ ног ахуыры азмæ бабæстон кæндзыстæм. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ нæ районы æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр кæй уыдзысты цæттæ ног ахуыры азмæ материалон æгъдауæй", - загъта Битеты Мария.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй районы скъолаты нæ фаг кæнынц ахуыргæнæн чингуытæ алкæцы предметæй дæр æмæ уый тыххæй цæуы куыст.

Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы фӕуд кӕны спортивон залы арӕзтад

"Дистанцион ахуыры рæстæджы хæрдыл цы æхцайы фæрæзтæ сэкономи кодтам, уыдонæй самал кæндзыстæм, скъолаты цы ахуыргæнæн чингуытæ нæ фаг кæны, уыдон. Чингуытæ цы предметтæй нæ фаг кæнынц, уыдон номхыгъд нæм ис æмæ рæхджы ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн. Скъоладзаутæ библиотекæтæй цы чингуытæ райсынц, уыдон ахуыры азы фæуды фæстæмæ æрбахæссынц. Ныртæккæ ахуыргæнæн чингуытæ сты зынаргъ æмæ сæ балхæнын бирæтæн зын вæййы, уымæ гæсгæ, хуыздæр у æмæ æфснайд цæуой библиотекæйы", - банысан кодта хайады гӕс.

Битеты Марияйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз Дзауы астæуккаг скъолайы фарсмæ арæзт æрцыдис ног спортивон зал ӕмӕ ныр сывæллæттæн уыдзæнис, сæхи физикон æгъдауæй кæм цæттæ кæной, ахæм бынат. Скъолаты цалцæггæнæн-æндидзынгæнæн куыстытæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыды, уыдон сæрмагондæй бахардз сты ацы спортивон залы арæзтадыл.

"Зæххæнкъуыстæй фæстæмæ ам нæ уыд спортивон зал, нæдæр актон зал æмæ æппæт мадзæлттæ дæр уагъд цыдысты уынджы, кæнæ та скъолайы къæлидоры. Мах ацы залы сырæзтыл тынг фæцин кодтам, уымæн æмæ нын уыд æнæмæнгхъæуæг", - бахахх кодта уый.

Цалцæггæнæн куыстытæ ма бакодтой Дзауы сывæллæтты цæхæрадоны дӕр.

Битеты Мария ма йæ хъуыдытæ загъта дистанцион ахуыры тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, августы кæрон ахуыргæнджыты æрвылазон конференцийы рæстæджы уыдон фарст æвæрдзысты, цæмæй ног ахуыры аз мауал раздæхой онлайн ахуыртæм.

"Махæн, ахуыргæнджытæн иууыл ахсджиагдæр фарст абон у, цæмæй нæм ахуырад цæуа традицион режимыл - скъоладзау фæсивæд ахуыр кæной скъолаты. Куыд ахуыргæнæг, афтæ мæ бон у фидарæй зæгъын уый æмæ ахæм ахуыр кæй нæ нымайын гъæдджыныл", - загъта ахуырады хайады хистæр.

Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног ахуыры аз скъолаты кæстæр кълæстæн къуыри иу хатт амондзысты шахматтæй хъазын, кæцы стыр ахъаз у сывæллæтты интеллектæн, хъуыдыкæнынадæн æмæ сæры магъзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0