Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы 30-аздзыд цæрæджы йе ʻнусон бынатмæ афæндараст кодтой Цхинвалы сæйраг фæзуатæй. Ардæм æрæмбырд сты мин адæмагæй фылдæр

ЦХИНВАЛ, 31 авг - Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы йе ʻнусон бынатмæ афæндараст кодтой Дзабиты Иналы. Ӕдзард лæппуйæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты мин адæймагæй фылдæр, сæ нымæцы Хуссар Ирыстоны разамынады минæвæрттæ æмæ президент Бибылты Анатолий.

Фыдохы митинг ацыд Театралон фæзуаты. Ӕдасдзинад хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн
© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Дзабиты Иналæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Дзабиты Инал райгуырд 1990 азы, баззад  йын æртæ сывæллоны.

Ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Инал рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Уыцы бон Цхинвалы ацыд митинг, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0