Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты домдзысты COVID-тесттӕ фӕсарӕйнаг студенттӕй

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæАудитори
Аудитори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ ӕмӕ кусджытӕ ахуырадон азы райдайӕны размӕ нӕ хъӕудзӕн дӕттын анализтӕ коронавирусы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 31 авг - Sputnik. Фӕсарӕйнаг студенттӕ райдайдзысты ахуыр кӕнын Уӕрӕсемӕ ӕрбацыдӕй дыууӕкъуырион изоляци рацӕуыны фӕстӕ, уый фӕстӕ уыдон ратдзысты анализ коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕстӕ, радзырдта УФ зонад ӕмӕ уӕлдӕр ахуырады министр Валерий Фальков йӕ интервьюйы РИА Новостийӕн.

"Тесттӕ саразын хъӕудзӕн ӕрмӕстдӕр фӕсарӕйнаг студенттӕн, кӕцытӕ ӕрцӕудзысты Уӕрӕйы территоримӕ", - банысан кодта Фальков.

Афтӕ ма министр банысан кодта, фӕсарӕйнаг студентты ӕртыккаг хай, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц уӕрӕсейаг ахыргӕнӕндӕтты, баззадысты сӕрды Уӕрӕсейы ӕмӕ уыдонмӕ ацы арӕнӕвӕрдтӕ нӕ хауынц.

Уӕрӕсейы 1-3 сентябры ахуыр райдайдзысты 699 уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны, ноджы 20 ахуыр райдайдзысты фӕстӕдӕр, сентябры дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0