ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы теракты 16-ӕм афӕдзы бон райдыдта ӕртӕбонон Мысӕн вахтӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Ирыстоны 1-3 сентябры агурынц 2004 азы Беслӕны скъолайы террористон акты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.
Адӕм хӕссынц хъазӕнтӕ, веноктӕ ӕмӕ дон мемориалон комплексмӕ – пырх спортивон залмӕ, кӕцыйы дардтой адӕмы. Фыдохы мадзӕлтты хайад райста республикӕйы къухдариуӕгад, хицауад ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.
2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.