ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik. Ахуырадон онлайн-сервис "Учись в России!" райдайдзӕн йӕ куыст 2020 азы фӕззӕджы, уый баххуыс кӕндзӕн фӕсарӕйнаг абитуриенттӕн бацӕттӕ кӕнын фӕлварӕнтӕ раттынмӕ уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм. Проект реализаци кӕны Россотрудничество уӕрӕсейаг националон программӕ "Цифровая экономика Российской Федерации"-йы фӕлгӕтты.
"Ахуырадон онлайн-сервис "Учись в России!"-йы руаджы фӕсивӕдӕн уыдзӕн фадат хуыздӕр бацӕттӕ кӕнын фӕлварӕнтӕ раттынмӕ уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм. Мах уырны, уӕрӕсейаг университетты рауагъдонтӕ кӕй суыдзысты хъӕугӕ профессионалтӕ сӕ бӕстӕты экономикӕйы алыгъуызон фадгуыты", - банысан кодта Россотрудничествойы разамонӕджы хӕдивӕг Павел Шевцов.
Абитуриенттӕн сервисы руаджы пайда кӕндзысты скъолайы программӕйы сӕйраг предметты онлайн-курсытӕй. Курс "Русский как иностранный" та ратдзӕн фадат фӕсарӕйнаг абитуриенттӕн фӕхуыздӕр кӕнын уырыссаг ӕвзаджы зонындзинад.
Сервисы алкӕцы курсы дӕр ис алыгъуызон бирӕнымӕц цифрон хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцыты фӕрцы фӕлварӕнмӕ цӕттӕкӕнынад уыдзӕн цымыдисон.
Проекты хайадисджытӕн ахуыры рӕстӕджы ӕххуыс кӕндзысты квалификацигонд специалисттӕ – ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ методисттӕ.