ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий бахӕс кодта бакусын электроэнерги бафидынӕн хатырон уавӕртӕ саразыныл ӕмбӕстӕгты кӕцыдӕр категоритӕн.
Уый тыххӕй хицауады сӕрдар фехъусын кодта ӕхсӕнуагдонон кусӕгон къамисы рабадтыл электроэнерги хардз кӕныны уавӕрты фӕдыл.
Хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фарстыл кусы къамис финансты министрад, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны миграцион политикӕйы фӕдыл комитетимӕ иумӕ. Уыимӕ иумӕ къамисы уӕнгтӕн бахӕс кодтой бавдисын электроэнерги хардз кӕныны фӕдыл хыгъды программӕ.
"Электроэнерги хардз кӕныны фӕдыл фиддонты ӕмбырдкӕнынад 2020 азы 1 августмӕ у 65,59 проценты. Сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Коцты Петры информацимӕ гӕсгӕ, фарон азы кӕрон фиддонты ӕмбырдкӕнынад уыд 78,6 проценты. Ацы аз энергетиктӕ фӕнд кӕнынц бакӕнын ацы бӕрӕггӕнӕн 80 проценты онг", - дзырдӕуы хицауады хъусинаджы.
Бекъойты Геннадий банысан кодта куысты ахсджиагдзинад ацы здӕхты, цӕмӕй фӕкъаддӕр кӕной фесӕфтытӕ электрохызӕгты ӕмӕ фӕфылдӕр кӕной фиддонты ӕмбырдкӕнынад.