Мӕскуыйы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæБеслӕны теракт
Беслӕны теракт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ ӕрбацыдысты Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма амынӕты чи уыд, уыдон ӕмӕ мӕскуыйаг ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ Ирыстонӕй

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Мӕскуыйы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. 13.05 сахатыл, скъолайы фыццаг срӕмыгъд куы уыд, уыцы рӕстӕг арвмӕ суагътой 334 урс тымбылӕджы.

Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕдӕгай адӕм ӕрбацыдысты Цхинвалы центрмӕ Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ

Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны Кулишкаты ацыд панихидӕ, теракты амӕттӕгты цыртдзӕвӕнмӕ сӕвӕрдтой веноктӕ ӕмӕ дидинтӕ. Афтӕ ма монументы бын ӕрӕвӕрдтой хъазӕнтӕ ӕмӕ дон.

Фыдохы мадзӕлтты хайад райстой Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдарды хӕдивӕг, УФ президенты цур республикӕйы ӕххӕстбарджын минӕвар Джанайты Борис, Мӕскуыйы ирӕтты ӕхсӕнады сӕрдар Абайты Алан, политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ. Амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ ӕрбацыдысты амынӕты чи уыд, уыдон дӕр, мӕскуыйаг ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ Ирыстонӕй, скъоладзаутӕ, афтӕ ма столицӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.

"Бирӕ азтӕ рацыд уыцы бонӕй, зиан баййафтой бирӕ адӕм, сӕйраджыдӕр, сывӕллӕттӕ, сӕ ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ, кӕцытӕ тох кодтой нӕ сабиты фервӕзын кӕныныл. Ацы террористон акты зианбаййафджытӕ ӕнустӕм баззайдзысты нӕ зӕрдӕты", - загъта Джанайты Борис.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0