Ног рынчынтӕ нӕй: санитарон уагдон коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 90 фӕрынчынуӕвӕджы, 89 пациенты сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынтӕ. Инфекцион рынчындоны хоскӕнынад цӕуы иу пациент COVID-19 диагнозимӕ, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Иу суткӕмӕ ауагътам 30 тесты, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ. Стационарон хайады хоскӕнынад цӕуы иу пациент коронавирусы диагнозимӕ", - загъта Гаглойты Анна.

Уый банысан кодта, карантины кӕй сты 142 адӕймаджы, кӕцытӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ фӕстаг бонты.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 90 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 89 сӕнӕниз сты.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0