Дзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ 36 фатеримæ

© Sputnik / Лейла ДриаеваДзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ
Дзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн хæдзары амайынц арæзтадон фирмæтæ "ЦСК" æмæ "Монах" районы центры

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Дзауы районы центры сæ тæмæны сты дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн хæдзары арæзтад. Дыууæ корпус дæр, арæзтадон фирмæты разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ агъуысты бын фæуой зымæджы райдайæнмæ.

© Sputnik / Лейла ДриаеваДзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ 36 фатеримæ
Дзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ 36 фатеримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ 36 фатеримæ

Ацæугæ азы уал Дзауы арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд æртæуæладзыгон хæдзар æмæ фатерты хицæуттæ баисты 18 бинонтæ. Ныр та дзы арæзт цæуы дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн корпусы. Хæдзæрттæ амайынц арæзтадон фирмæ "ЦСК" æмæ фирмæ "Монах".

"Объекты арæзтадыл ныртæккæ кусы 11 адæймаджы. Уыдон се 'ппæт дæр сты бынæттон цæрджытæ. Фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы дæр цæуынц монолитон куыстытæ, арæзт æрцæудзысты асинтæ. Æртыккаг уæладзыгæн æвæрд цæуынц колоннæтæ, стæй æрывналдзысты æртыккаг уæладзыг аразынмæ дæр. Фæлæ уал, уæдмæ кусджытæ сараздзысты фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы гæрæнтæ", - зæгъы арæзтадон фирмæ "ЦСК"-ы минæвар Томайты Вадим.

Томайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй коронавирусы аххосæй сæ куысты графикæй чысыл фæстейæ аззадысты. Фæлæ ныр уавæр рараст, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæгæй æмæ цалынмæ зымæгон хъызт бонтæ не 'рбалæууой, уæдмæ хæдзар фæкæндзысты агъуысты бын.

Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер бабӕрӕг кодта Дзау ӕмӕ Къуаисайы объектты арӕзтад

"Æвæрд æрцыдысты рудзгуытæ, дуæрттæ. Зымæгон та æдыхстæй бакæндзысты мидæггагон куыстытæ. Фатертæ хæрзарæзт канд мидæгæй нæ уыдзысты, фæлæ ма – æддейæ дæр. Объектты кæрт дæр æрцæудзæн хæрзарæзт. Уым уыдзæн сабитæн хъазæн фæзуат, цæрджыты машинæтæн уромæн бынат, улæфæн зонæ", - бафтыдта Томайты Вадим.

Иу ахæм æртæуæладзыгон хæдзар ма арæзт цæуы уырдæм æввахс. Уым та арæзтадон куыстытæ æххæст кæны арæзтадон фирмæ "Монах".

"Нæ куысты коронавирусы аххосæй уыд къуылымпыдзинæдтæ. Ныр нæ уавæр бирæ фæхуыздæр, рæстæгыл ифтонг цæуынц арæзтадон æрмæджытæй. Объекты иууыл иумæ кусы 18 адæймаджы. Уыдонæй 7 адæймаджы сты бынæттон цæрджытæ æмæ дзы фондз специалисты та æркодтой хонгæ. Цалынмæ уазæлттæ нæ райдыдтой, уæдмæ хъуамæ фæуой арæзт æмæ агъуысты бын. Зымæгон та бакæндзыстæм мидæггагон куыстытæ. Фидæн аз та, уалдзæджы, æрывналдзыстæм кæрты хæрзарæзтадон куыстытæм", - загъта арæзтады генералон директор Зæгъойты Феликс.

зауы районы цалцӕг кӕнынц хъӕуы администрацийы бӕстыхайа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уыдзӕн ногы хуызӕн: Дзауы районы цалцӕг кӕнынц хъӕуы администрацийы бӕстыхай

Инвестицион программæйы фæлгæтты бирæ ахсджиаг объекттæ сырæзт нæ республикæйы сæйраг горæт æмæ йæ районты. Фæлæ уæддæр цæрæнуатон фарст нырма актуалон у нæ горæты æмæ районты бирæ цæрджытæн. Уымæн æвдисæн у нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн рæстæгæй-рæстæгмæ цы химæрайстытæ вæййы, афтæ ма йын хъæууон цæрджытимæ цы фембæлдтытæ вæййы, уым сæйраджыдæр, адæм кæй фæдомынц цæрæнуатон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0