Президент банхъардта саразын парламентон къамис Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдагуырды фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, куыд Конституцийы гарант ӕмӕ республикӕйы хуымӕтӕг ӕмбӕстаг, афтӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ацы фыдракӕнды фӕдыл ауадзой цӕсгомджын фӕдагуырд

ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банхъардта парламентӕн саразын рӕстӕгмӕ къамис Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл гом фӕдагуырд ауадзынӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Ӕз куыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцийы, ӕмбӕстаджы ӕмӕ адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинады гарант, уыимӕ иумӕ куыд хуымӕтӕг ӕмбӕстаг, афтӕ нывӕндын алцыдӕр саразын, цӕмӕй бафхӕрой Дзабиты Иналы мӕлӕты азымджынты, цыфӕнды бынӕтты ма кусой. Ӕз банхъардтон закондӕттӕг органӕн саразын рӕстӕгмӕ къамис ацы ӕвирхъау фыдракӕнды фӕдыл фӕдагуырд ауадзынӕн", - фехъусын кодта президент.

Президент банымадта Дзабиты Иналы мӕлӕт ӕвирхъау фыдракӕндыл.

РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕджы

Хуссар Ирыстоны фӕзынд ӕндыгъд ӕхсӕнадон-политикон уавӕр Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕстӕ, кӕцыйы уый размӕ ӕрурӕдтой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игоры амарын бафӕлварынмӕ зӕрдӕхсайыны тыххӕй.

Амӕй размӕ прокуратурӕ фехъусын кодта Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты зӕрдӕхсайгӕты МХМ нӕмттӕ. Уыдон иууылдӕр кусынц МХМ Криминалон милицийы, кӕцыйы сӕргъ лӕууыд Цхуырбаты Андрей.

Ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Уыцы бон Цхинвалы ацыд митинг, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0