Бибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Дмитрий Козакимӕ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Дмитрий Козакимӕ
Бибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Дмитрий Козакимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ хицауады уӕнгтӕ сты кусӕгон балцы Мӕскуыйы. Столицӕйы нывӕндынц ауадзын цалдӕр фембӕлды Уӕрӕсейы къухдариуӕгады минӕвӕрттимӕ, кӕцытӕ кусынц республикӕимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады хаххыл

ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Мӕскуымӕ кусӕгон балцы фӕлгӕтты фембӕлд УФ президенты администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг Дмитрий Козакимӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Бибылты Анатолий ӕмӕ Дмитрий Козак ӕрдзырдтой бюджетон фадыг ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджыты мыздтӕ 2021 азӕй фӕфылдӕр кӕныныл, афтӕ ма ӕркастысты Инвестицион нывӕзты реализацийы фарстытӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр фембӕлды рӕстӕджы банысан кодтой, Инвестицион нывӕзты объектты арӕзтад цӕуы хорз темптӕй коронавирусон инфекцийы тыххӕй проблемӕтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ.

Фембӕлды ма хайад райстой РХИ Финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хӕбӕлаты Аза ӕмӕ РХИ Юстицийы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Лалыты Зӕлинӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0