Хæрзаудæн фонд баххуыс кодта онкологийæ рынчын сывæллæттæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Хæрзаудæн фонд баххуыс кодта онкологон рынчын сывæллæттæн
Хæрзаудæн фонд баххуыс кодта онкологон рынчын сывæллæттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2-æм сколайы ахуырдзаутæ ацы аз зонындзинæдты бонмæ цы дидинджытæ хъуамæ балхæдтаиккой, уыцы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ радтой фонд "Лæвар базыртæ"-йы президентмæ

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ"-йы хистæр Цхуырбаты Татьяна æмæ Цхинвалы 2-æм сколайы, 2Б къласы сабитимæ финансон фæрæзтæй баххуыс кодтой онкологон рынчын сывæллæттæн.

2-æм сколайы ахуырдзаутæ ацы аз зонындзинæдты бонмæ цы дидинджытæ хъуамæ балхæдтаиккой, уыцы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ радтой фонд "Лæвар базыртæ"-йы президентмæ.

Ӕрвылаз дæр Зонындзинæдты бæрæгбонмæ Цхинвалы ауæй вæййы мингай букеттæ, сæ аргътæ вæййынц æртæ сæдæйæ дыууæ мин сомы онг.

"Низæфхæрд сывæллонæн баххуыс кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ æнцондæр æмбырдгæнæн у. Хуыцау цæрынæн кæйдæриддæр радта, уыдон хъуамæ цæрой. Мах хæс та сын у сæ зыны сахат сæ фарсмæ æрбалæууын æмæ сыл аудын", - загъта Татьяна.

Фонды директор раарфæ кодта ахуырдзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн сæ хæрзаудæн хъуыддажы тыххæй, радта сын бузныджы гæххæт, сывæллæттæн балæвар кодта къухылдарæнтæ. Уый фæстæ йæм сабитæ бахатыдысты, цæмæй сын радзура фонды сæвзæрд æмæ архайды тыххæй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хæрзаудæн фонд баххуыс кодта онкологон рынчын сывæллæттæн
Хæрзаудæн фонд баххуыс кодта онкологийæ рынчын сывæллæттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæрзаудæн фонд баххуыс кодта онкологон рынчын сывæллæттæн

Цхуырбаты Татьяна сын раргом кодта, фонд "Подари крылья" кæй сæвзæрд йе ʻввахс æмбалы номыл, кæцыйæн йæ цардмæ тырнынад басаста уæззау низ.

"Сабитимæ ныхас кæнын нæуи дæр зындæр у, фæлæ мæ раныхасы фæстæ цæссыг калын куы райдыдтой, уæд мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Алчидæр нæ куы тырна æндæр адæймаджы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынмæ æмæ адæмæн æххуыс кæнынмæ, уæд махæн бантысдзæн рамбулын. Зын уавæрты бахауæг бинонтæн баххуыс кæнын у махæй алкæй хæс дæр!" – бафтыдта Татьяна.

Ног хабӕртты лентӕ
0