ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæмæ æрцæудзæн Махъоты Ацæмæзы къухдариуæгады бын Цæгат Ирыстоны паддзахадон симфонион оркестр. Сфæлдыстадон коллективмæ æнхъæлмæ кæсынц дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ, фехъусын кодта культурæй министр Зассеты Жанна.
Уый тыххæй министр фехъусын кодта номдзыд ирон композитор, Ирыстоны гимны музыкӕйы автор Ӕлборты Шалвайы фырт Феликсы мысӕн изӕр " Чарующий музыкальный мир Феликса Алборова"-йы рæстæджы.
"Ацы аз 1-15 декабрьмæ махмæ фæуазæг уыдзæн Махъоты Ацæмæз симфонион оркестримæ. Ӕнæрхъæцæй йæм æнхъæлмæ кæсын, уырны мæ, сымах дæр", - загъта Зассеты Жанна.
Зындгонд композитор, дирижер æмæ пианист Махъоты Ацæмæз йæхæдæг телефонон бастдзинады руаджы сарæзта ныстауан изæры архайджытæм æмæ банысан кодта фæззæджы Цхинвалмæ радон хатт кæй фæуазæг уыдзæн.
"Иууыл рæсугъддæр æмæ уарзондæр композитор мæнæн у Ӕлборты Феликс. Уый ссис канд иууыл арæхдæр кæй æххæст кæнынц, ахæм композиторнæ, фæлæ у Ирыстон символ. Ирыстоны тыххæй уæ радзурын куы фæндæ æнæ раныхсæй,уæд æгъгъæд уыдзæн цæмæй айзæла Ӕлборты Феликсы музыкæ. Сæрыстыр дæн Феликс Шалвайы фыртимæ иу наци кæй стæм. Ныццæудзæн æмæ Цхинвалы æнæмæнг сæххæст кæндзæн йæ уацмыстæ ", - загъта Махъоты Ацæмæз.