Цхинвалы центры фæзынд ног арт-объект Абайты Васойы юбилеймæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Гаглойты Алан
Гаглойты Алан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывгæнæг Гаглойты Алан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Абайты Васойы портреты тыххæй, кæцы фæзынд горæты центры
Ног арт-объект Абайты Васойы юбилеймæ фæзынд Цхинвалы центры

Хуссар Ирыстоны столицæйы фæзынд граффити Абайты Васойы нывимæ. Æвзонг нывгæнджыты къорд ацы арт-объект бацæттæ кодтой Васойы 120 азы юбилеймæ, фехъусын кодта Гаглойты Алан.

"Театр æмæ Сывæллæтты аивадон галуаны хсæн фæзуатыл сныв кодам Абайты Васойы портрет йæ юбилеймæ", - загъта Алан.

Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, граффитийы эскиз бацæттæ кодта Сиукъаты Зæринæ. Ныв та йæ кодтой Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны хъомылгæнинæгтæ æмæ рауагъдонтæ – Джиоты Анна, Сиукъаты Зæринæ, Сиукъаты Настя æмæ Гаглойты Алан.

Абайты Васо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Йæ куыстыты хыгъды ис историкон-этимологион дзырдуат, цы ран равдыста ирон æвзаджы бастдзинад ирайнаг, индоевропейаг æиæ туркаг æвзæгтимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0