Медойты Дмитрий: Венесуэла ӕмӕ Хуссар Иры адӕмы иу кӕны уарзондзинад сӕрибардзинадмӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ир ӕмӕ Венесуэлайы тырысатӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Венесуэлайы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2009 азы 10 сентябры Венесуэлайы къухдариуӕгад банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕм 11 азы размӕ цингӕнгӕйӕ сӕмбӕлдысты Венесуэла бӕстӕйы хӕдбардзинад кӕй банымадта, уыцы ног хабарыл, фехъусын кодта фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Медойты Дмитрий арфӕйы телы йӕ венесуэлаг коллегӕ Хорхе Альберто Арреаса Монсерратмӕ.

"Венесуэла ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ис мингай километртӕ, фӕлӕ нӕ адӕмы иу кӕны уарзондзинад сӕрибардзинадмӕ ӕмӕ райгуырӕн зӕххмӕ. Ацы рӕстӕгмӕ нӕ бӕстӕтӕты хсӕн фӕзынд фидар ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ. Хуссар Ирыстоны алыхатт дӕр бузныг дзурдзысты Внесуэлайы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмӕн 11 азы дӕргъы нӕ бӕстӕйӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц фидар кӕнын йӕ позицитӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл", - дзырдӕуы ФХМ сӕргълӕууӕджы арфӕйы телы.

Афтӕ ма Медойты Дмитрий фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Венесуэлайы ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ дарддӕр кӕй райтынг уыдзысты.

2009 азы 10 сентябры команданте Уго Чавес фехъусын кодта, Боливарианаг Республикӕ Венесуэла кӕй банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0