Цхинвалы хуссар хай райдыдта бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы хуссар хай райдыдта бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад
Цхинвалы хуссар хай райдыдта бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
75 фатерон хæдзар арæзт цæуы столицæйы "Царз"-ы микрорайоны раздæры æмдзæрæндоны бæстыхайы бынаты

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты "Царз"-ы микрорайоны раздæры æмдзæрæндоны бæстыхайы бынаты райдыдта 75-фатерон бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад. Мæйæ фылдæры размæ кусджытæ æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм, фехъусын кодта Sputnik объекты прораб Гæбæраты Гиви.

"Ныртæккæ дыууæ бацæуæны ныккалдтой бетон æмæ аразынц быцæугæнæн къул. Афтæ ма хæдзарæн калынц бындур. Дыууæ боны фæстæ та райдайдзыстæм ныккæнды къултæ монтаж кæнын", - загъта Гæбæраты Гиви.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, объекты кусынц 22 кусæджы, кæцытæ сæйраджыдæр сты бынæттон специалисттæ. Арæзтады куыстытæ райдайынц райсом 7 сахатыл æмæ фæкусынц изæры 6 сахатмæ.

Хуссар Иры завод райдыдта уадзын хæдзæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хорз фидæн: Хуссар Иры завод райдыдта уадзын хæдзæрттæ

"Арæзтадон æрмæджытæ кæнæ техникæимæ ницы проблемæтæ ис. Арæзтад цæуы графикмæ гæсгæ. 2022 азмæ раздæры æмдзæрæндоны бынаты фæзындзæн нырыккон фондзуæладзыгон хæдзар", - бафтыда уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ "Царз"-ы районы зæронд æмдзæрæндоны цæрджытæ кæй райстой нырыккон хæрзарæзтадон фатерты дæгъæлтæ Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы ног хæдзæрттæ сырæзтысты, уым. Сæ бæлицц сæххæст 40 бинонтæн, кæцытæ аварион цæрæнуатæй рахызтысты ног фатертæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0