Генпрокуратурӕмӕ бацыд куырдиат Дзабиты Иналы мӕлӕты зӕрдӕхсайгӕйы ӕнӕаххосдзинады фӕдыл

© Sputnik / Алексей КовалевПрокуратурӕ
Прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзабиты Иналы мӕлӕты хъуыддаджы фӕдыл ӕрурӕдтой аст зӕрдӕхсайгӕйы

ЦХИНВАЛ, 14 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕйы фӕдагуырды хайадмӕ бацыд куырдиат Тадтаты Артуры авдвокатӕй йӕ ӕнӕаххосдзинады тыххӕй Дзабиты Иналы мӕлӕты. Уагдоны пресс-службӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй, куырдиатмӕ ӕркӕсдзысты, йӕ фӕстиуджытӕ йын фехъусын кӕндзысты фӕстӕдӕр.

Груздев Сергей Артурович - Sputnik Хуссар Ирыстон
Генпрокуратурæ æркæсдзæн Дзабиты Иналы бинойнаджы куырдиатмæ

Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад 28 августы бакодта угодовон хъуыддаг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл, кӕцыйы ӕрурӕдтой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игоры амарын бафӕлварынмӕ зӕрдӕхсайыны тыххӕй.

Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй дыккаг бон ӕрурӕдтой МХМ криминалон милицийы оперативон кусджыты, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайы ацы хъуыддаджы фӕдыл -  Сланты Ирбег, Хуыгаты Марат, Годжысаты Зауыр, Багаты Алан, Къозонты Сергей, Джиоты Андрей æмæ Тадтаты Артур. 31 августы Цхинвалы тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй сӕ сбадын кӕной ахӕстоны. Ацы скъуыддзагыл бахъаст кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ, фӕлӕ тӕрхондон нӕ фӕивта ацы уынаффӕ.

Фӕстӕдӕр Генпрокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддӕгтӕ, МХМ криминалон милицийы кусджыты Цхуырбаты Николай ӕмӕ Хъуылымбегты Герсаны кӕй фӕнадтой, уый фӕдыл.  Афтӕ ма бакодтой уголовон хъуыддаг ӕнӕниздзинадӕн барӕй стыр зиан ӕрхӕссыны тыххӕй, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн амард Дзабиты Инал.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ. Фæстæдæр уагдон фехъусын кодта, ацы хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæм - криминалон милицийы аст кусæджы - рæстæгмæ æрцахстой.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0