УФ минӕварад Хуссар Иры фӕтыхджындӕр кодта мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan УФ минӕварад
УФ минӕварад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон абон ӕхсӕв бакодта Уӕрӕсеимӕ арӕн, уый фӕдыл барамынд бафыста УФ хицауады сӕрдар Михаил Мишустин

ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы минӕварады консулон хайад Хуссар Ирыстоны ныммыхуыр кодта санитарон-эпидемиологон домӕнтӕ дипминӕварадмӕ ӕрбацӕуынӕн.

"2020 азы 15 сентябрӕй уазджыты уадздзысты консулон хайады бӕстыхаймӕ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтимӕ (медицинон маскӕ ӕмӕ йӕ аналогтӕ), афтӕ ма рекомендаци кӕнынц пайда кӕнын ӕрмкъухтӕй", - дзырдӕуы минӕварады пресс-службӕйы хъусинаджы.

Коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл мадзӕлттӕ фӕтыхджындӕр кодтой Цӕгат Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй фӕфылдӕр ӕмӕ 15 сентбярӕй Уӕрӕсеимӕ арӕн хуымӕтӕг режимы кӕй райдыдта кусын, уый тыххӕй.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 13 апрелы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ цалдӕр хатт адарддӕр кодтой – фӕстаг хатт августы кӕронмӕ. Республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Фӕстӕдӕр изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 90 фӕрынчынуӕвӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0