Хуссар Иры президент аиуварс кодта дам-думтӕ тагъд рӕстӕджы Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды фӕдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсеимӕ арӕн
Уӕрӕсеимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны знон ацыд президент Бибылты Анатолийы пресс-конференци, кӕцыйы рӕстӕджы уый сдзуапп кодта журналистты актуалон фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий аиуварс кодта дам-думтӕ Уӕрӕсеимӕ арӕн ногӕй кӕй сӕхгӕндзысты арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ сисынӕй цалдӕр боны фӕстӕ, уый фӕдыл. Уый тыххӕй президент фехъусын кодта журналисттимӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы ӕртыццӕджы, 16 сентябры.

"Мах фервӕзын кодтам бирӕ адӕмы. Абон мах хорз цӕттӕ стӕм, цӕмӕй сӕмбӕлӕм ацы низыл", - фехъусын кодта президент.

Бибылты Анатолий банысан кодта, цӕрджыты хсӕн бӕрндзинад кӕй фӕфылдӕр, ӕмӕ республикӕйы алкӕцы цӕрӕг дӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна Югосетпотребнадзоры домӕнтӕ инфекцийы профилактикӕйы фӕдыл.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президенты пресс-конференци ацӕудзӕн Цхинвалы

Пресс-конференцийы райдайӕны республикӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, журналисттӕн бар кӕй ис фӕрсын иууыл актуалондӕр темӕты фӕдыл.

"Фӕстаг рӕстӕджы республикӕйы цӕуынц процесстӕ, кӕцытӕ ӕндавынц адӕмы хъуыдыйыл, ӕмӕ уый фӕдыл бахъуыд ауадзын пресс-конференци. Хицауады арвыстой отставкӕйы, фӕлӕ абон фӕзынд ӕндӕр домӕнтӕ дӕр. Политикон уавӕр халын никӕмӕн ис бар", - загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны фӕзынд ӕндыгъд ӕхсӕнадон-политикон уавӕр Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал МХМ криминалон милицийы фӕнӕмыны фӕстӕ куы амард, уый фӕстӕ. Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ. Фæстæдæр уагдон фехъусын кодта, ацы хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæм - криминалон милицийы аст кусæджы - рæстæгмæ æрцахстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0