Хуссар Ир нысан кӕны Паддзахадон тырысайы бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ир нысан кӕны Паддзахадон тырысайы бон
Хуссар Ир нысан кӕны Паддзахадон тырысайы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы националон символ ссис хуссарирыстойнаг паддзахады сӕрибардзинадыл тохы нысан 1989 азы

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сабаты, 19 сентябры, нысан кӕнынц Паддзахадон тырысайы бон. Бӕрӕгбонӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 31 азы размӕ.

Республикӕйы националон символ ссис хуссарирыстойнаг паддзахады сӕрибардзинадыл тохы нысан 1989 азы.

"Развæлгъау столицæйы административон бæстыхæйтты сфæлыстой паддзахаон тырысатæй. Къуырийы кæрон Хуссар Ирыстон нысан кæны дыууæ бæрæгбон – Тырысайы бон æмæ Республикæ расидыны бон, дыууæ нысаниуæгджын датæйы цытæн Цхинвалы бакодтой ног баннертæ æмбæлон тематикæйыл", - загъта Sputnik культурæйы министрады кусæг Остъаты Мæдинæ.

Уый ма банысан кодта, æхсæнады цытджын рабадт "Прописано в сердце Осетии" аргъæвтой 18-æм сентябрæй 20-мæ.

Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тырыса æмæ герб: Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант

Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис 1989 азæй фæстæмæ. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0