Фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕндаггӕрон цӕджындзыл Цхинвалы

© Sputnik / Азамат КулумбеговФӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕндаггӕрон цӕджындзыл Цхинвалы
Фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕндаггӕрон цӕджындзыл Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари ӕрцыд ӕртыццӕджы сихорафон Дзау-Цхинвал фӕндагыл. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, машинӕйы шофыр уӕззау цӕфтӕ нӕ фӕцис

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг фарс ӕртыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау - рог хӕдтулгӕ "Volkswagen Jetta-йы шофыр сӕмбӕлд фӕндагон нысаны цӕджындзыл ӕртагкӕнӕн станцмӕ базилӕны. Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй автоинспекцийы кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

"Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, - загъта уый.

Хӕдтулгӕ, бафтыдта пресс-службӕйы кусӕг, дзӕвгар ныппырхытӕ ис, уый сэвакуаци кодтой цауы бынатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0