Хуссар Иры райдыдта йӕ куыст арт-тыгъдад "Портал" – видео

Рафыссын
Арт-тыгъдад "Портал"-ы райдыдтой уадзын сфӕлдыстадон изӕртӕ. Арт-проектӕн паддзахад цы ӕртӕуӕладзыгон хӕдзар рахицӕн кодта, уый у рагон Цхинвалы иууыл колоритон бӕстыхӕйттӕй сӕ иу

Фӕсивӕд бавнӕлдтой бӕстыхайы цалцӕгмӕ дыууӕ азы размӕ ӕмӕ ныридӕгӕн сцалцӕг кодтой уӕлхӕдзар, раивтой рудзгуытӕ, сӕвӕрдтой дуӕрттӕ, афтӕ ма сарӕзтой балкон ӕмӕ дыккаг уӕладзыг.

Абоны бон, цалцӕггӕнӕн куыстытӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, "Портал"-ы уагъд цӕуынц сфӕлдыстадон изӕртӕ, цы ран ӕрӕмбырдуӕвджытӕ хъусынц ӕвзонг ӕххӕстгӕнджыты музыкӕ ӕмӕ зарджытӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0