Спикер: депутатты архайд у закондӕттӕг органы куысты ӕргом саботаж

© Sputnik / Natalia AiriyanПарламент
Парламент   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы фӕуд кӕны закондӕттӕг органы ӕркасты ӕмгъуыд президенты æнхърæнмæ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар снысан кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны парламент нырма не 'ркаст Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдарӕй Бекъойты Геннадийы снысан кӕныны ӕнхъарӕнмӕ. Къорд парламентарий кӕй нӕ цӕуынц сессимӕ, уый парламенты спикер Тадтаты Алан схуыдта закондӕттӕг органы куысты ӕргом саботаж.

Ӕртыццӕджы фӕуд кӕны закондӕттӕг органы ӕркасты ӕмгъуыд президенты æнхърæнмæ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар снысан кӕнынӕн. Депутатты иу къорд фӕхъусын кодтой, сӕ хӕстӕ кӕй не 'ххӕст кӕнындзысты, цалынмӕ паддзахады разамонӕг нӕ сӕххӕст кӕна сӕ домӕн - Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнынмӕ.

"Депутаттӕ не 'рымбырд сты. Абон ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ радтон дзуапп президентӕн ӕмӕ йӕ ратдзӕн. Никуы никӕцы законы фыст ис, ныридӕгӕн цы аразынц депутаттӕ, уый. Уый у парламенты куысты ӕргом саботаж", - загъта Sputnik парламенты сӕрдар Тадтаты Алан.

16 сентябры президент Бибылты Анатолий парламенты ӕркастмӕ бавдыста Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ премьер-министры бынатмӕ. Конституцимӕ гӕсгӕ, фарстмæ сессийы агъоммӕ ӕркӕсынц комитет æмæ президиумы.

Раздӕры хицауад ацыд отставкӕйы Цхинвалы митингты фӕстӕ. Столицӕйы адӕм се 'неразыдзинад равдыстой Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕстӕ, кӕцы амард Мидхъуыддӕгты министрады криминалон милицийы рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторы нады фæстиуæгæн.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутат фехъусын кодта фракцийӕ рахизыны тыххӕй

Уый фæстæ митингты адӕм домдтой МХМ хистӕр ӕмӕ Генералон прокуроры отставкӕтӕ. 16 сентябры президент йӕ пресс-конференцийы комкоммӕ эфиры фехъусын кодта йӕ дзуапп депутаттӕн, генералон прокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнынӕн кӕй нӕй бындур. Уымӕй размӕ закондӕттӕг органты депутатты ӕмбис сӕ куыст ӕххӕст кӕныныл нал саразы сты, цалынмӕ президент сӕххӕст кӕна сӕ домӕн.

18 сентябры парламентон фракци "Иугонд Ирыстон"-ы скондæй йæ рахызты тыххæй фехъусын кодта депутат Мулдарты Гарри, уымæй уый равдыста йе ʻнæразыдзинад депутатты фылдæр хайы домæн æххæст кæй не ʻрцыд, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0