Къуыдаргомы сӕнусон кӕндзысты Нартыхты Сосланы ном

Рафыссын
Нартыхты Сосланӕн цырт ӕвӕрд цӕуы гуырдзыйы рдыгӕй ирон адӕмы геноцидыл 100 азы сӕххӕсты мадзӕлтты фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы хъӕу Кировы сӕвӕрдзысты цырт зынгӕ революционер ӕмӕ 1920 ӕзты Ирыстоны ӕрцӕугӕ бӕллӕхты активон архайӕг Нартыхты Сосланӕн цырт, фехъусын кодта Sputnik горӕт Къуайсайы мэр Бӕззаты Геннадий.

Цхинвалы бакодтой цырт ӕбӕрӕгӕй фесӕфгӕ адӕмӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакодтой цырт ӕбӕрӕгӕй фесӕфгӕ адӕмӕн

"Цырт ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Кировы хъӕуы, уый раздӕр нымад цыд Къуыдаргомы центрыл. Бюст цӕттӕ кӕны дзӕуджыхъӕуккаг скульптор Дзбойты Арсен. Ноябрьмӕ хъуамӕ сцӕттӕ уа, уӕдмӕ хӕрзарӕзт рацӕудзӕн цырты бынат. Ацы аз хъуамӕ рцӕуа ӕвӕрд",- загъта мэр.

Нартыхты Сосланы сгуыхтдзинадты хсӕн рахицӕн кӕнӕн ис 1920 азы ирон адӕмы геноциды рӕстӕджы йӕ архайд. Уый иста бирӕнымӕц лигъдӕттӕ Хуссар Ирыстонӕй ӕмӕ сын цӕрӕнуӕттӕ агуырдта Цӕгат Иры. Адӕм цы ран ӕрбынат кодтой, уый фӕстӕдӕр схуыдтой горӕт Алагир.

"Цырт саразыны хъӕппӕрис равдыстой бынӕттон цӕрджытӕ, фылдӕр бӕрцӕй карджын адӕм, кӕцытӕ сӕ зӕрдыл дардтой ацы гоймаджы лӕггӕдтӕ. Ацы хъуыдыйы фарс балӕууыдысты горӕт Къуайсайы ӕмӕ Дзауы районы разамынадтӕ, районы хистӕр Джиоты Андрейы фӕрцы бантыст саразын ацы хъуыддаг", - бафтыда уый.

Бӕззаты Геннадий ма радзырдта, уыдон ма фӕнды сӕндидзын кӕнын Георгийы дзуары цыппар хатты кавалер, фыццаг дунеон хӕсты архайӕг Хуыгаты Доментийы цырт, кӕцы ныр ис ӕвзӕр уавӕры.

Ног хабӕртты лентӕ
0