Хуссар Иры сӕндуцӕн компани исы бынӕттон фермерты тыллӕг

© FlickrСӕнӕфсир
Сӕнӕфсир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз февралы мӕйы хӕлцады егъау ӕхсӕнадӕмон форум "Продэкспо"-йы Хуссар Ирыстонӕй сӕн нымад ӕрцыд хуыздӕрыл

ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Егъау хуссарирыстойнаг сӕндуцӕн компани "Иронсан" исы сӕнӕфсир бынӕттон фермӕртӕй, фехъусын кодта Sputnik рауагъдады генералон директор Алексей Цапаев.

Сӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир Ног азмӕ аласдзӕн Уӕрӕсемӕ 200 мин авджы сӕн

Заводӕн ис сӕндӕттӕ Цхинвалы районы Присы хъӕуы, фӕлӕ йӕхи тыллӕгӕй дарддӕр исы сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй дӕр.

"Мах исӕм минималон парти 300 килограммы ӕрмӕст ломиаури, чинури ӕмӕ саквери. Ивгъуыд аз нын цы сӕнӕфсир ластой, уый иууылдӕр балхӕдтам", - загъта генералон директор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕнӕфсир исдзысты 20 октябрьмӕ.

Сӕндуцӕн завод "Иронсан"-ӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2018 азы.

Ацы аз февралы мӕйы хӕлцады егъау ӕхсӕнадӕмон форум "Продэкспо"-йы Хуссар Ирыстонӕй сӕн нымад ӕрцыд хуыздӕрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0