Цхинвалы фӕуд кӕнынц уынджы хӕрзарӕзтад, кӕцы нӕ цалцӕг кодтой дӕсгай азты дӕргъы

© SputnikБазарадон уынг
Базарадон уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Столицӕйы азы кӕронмӕ нывӕндынц балхынцъ кӕнын аст уынджы хӕрзарӕзтад. Ацы куыстытӕ ӕххӕст цӕуынц ацы азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 28 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы фӕуд кӕны Базарадон уынджы хӕрзарӕзтад, уый ис столицӕйы центры цур. Ацы бонты кусджытӕ уым сӕвӕрдтой асфальты фыццаг цъар.

Гафезы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывӕзтмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы администрацийы радзырдтой столицӕйы уынгты хӕрзарӕзтады тыххӕй

Базардон уынг, кӕцыйы дӕргъ у 450 метры, цалцӕг кӕнынц фыццаг хатт цалдӕр дӕс азы дӕргъы.

Сӕрды уынгыл раивтой зӕххы бын коммуникацитӕ ӕмӕ газифтонгад. Уый фӕстӕ райдыдтой хӕрзарӕзтадон куыстытӕ. Базардон уынджы хӕрзарӕзтад ӕххӕст цӕуы 2020 азмӕ инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты.

Цхинвалы ӕмрӕстӕджы ӕххӕст кӕнынц авд уынджы хӕрзарӕзтад. Ацы куыстыты генералон нардуатон организаци у "Дорэкспострой". Куыстуаты генералон директор Мӕхъиты Семен куырд радзырдта, афтӕмӕй куыстытӕ фӕуд кӕынц Кимы ӕмӕ Табуты Родионы уынгтыл.

"Уыдонӕй дарддӕр, азы кӕронмӕ фӕуыдзысты Беленскийы, Революцийы, Нӕузӕххонты, Плиты Ароны ӕмӕ Хъайтарты уынджы хайы хӕрзарӕзтад", - загъта Мӕхъиты Семен.

Хуссар Ирыстонӕн социалон экономикон ӕххуыс бакӕнын фӕдыл Инвестпрограммӕ 2020-2022 ӕзтӕм сфидар кодтой ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтыл 2019 азы апрелы.

Ӕртӕазон программӕйы, кӕцыйы бюджет у 4,5 миллиард сомы, ис 52 мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты социалон объектты дарддӕры арӕзтадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0