ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" исы кафынмæ æвзыгъд фæсивæды ансамблы цур цæттæгæнæн къордмæ, фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы директор Гаглойты Кристина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, претенденттæ сæ цæттæдзинады æмвæзадмæ гæсгæ дих цæудзысты къордтыл.
"Ансамблы цур къорд суыдзæн "Симд"-æн кадртæ цæттæгæнæн куырдадз. Уым æрыгон кафджытимæ кусдзæн къорды аивадон къухдариуæггæнæг йæхæдæг ансамблы артистты æххуысæй", - загъта директор.
Гаглойты Кристина бафтыдта, къордмæ кафджытæ ист кæй цæудзысты 10 октябры онг.
Ныридæгæн ансамбль цæттæ кæны йæ фыццаг концерт дæргъвæтин фæститаты фæстæ.
Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" ивгъуыд аз фехъусын кодтой реорганизацийы тыххæй. Уый фæлгæтты коллектив ногæй иста кафджыты, ивта хор æмæ оркестры сконд. Фæстæдæр къордæн фæзынд ног аивадон къухдариуæггæнæг.