Фӕбӕрӕг Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг йӕ дебютон тохы суперуӕззау уӕзы

© 15-Й РЕГИОНГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер фембӕлдзӕн рингыл америкайаг спортсмен Кевин Джонсонимӕ 31 октябры Сочийы

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт йӕ дебютон тохы суперуӕззау уӕзы фембӕлдзӕн америкайаг Кевин Джонсонимӕ, хъусын кӕны дыццӕджы 15-ӕм Регион ирон боксеры тренер Салнты Виталийы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Гасситы Мурæты тренер радзырдта æрбалæугæ тохы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæты тренер радзырдта боксеры æрбалæугæ тохы тыххæй

Кевин Джонсонимӕ тох ацӕудзӕн 31 октябры Сочийы.

Сланты Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Джонсон у фидар ныхмӕлӕууӕг, кӕцы ауагъта конкурентон тохтӕ тыхджын боксертимӕ, куыд Владимир Кличко, Тайсон Фьюри ӕмӕ ӕндӕртимӕ.

"Алцыдӕр баст у Мурӕты уавӕримӕ. Дыууӕ аз ӕмӕ ӕрдӕг у стыр ӕмгъуыд. Ныртӕккӕ активонӕй тренировкӕ кӕны, 70-75 проценты у цӕттӕ ", - хъусын кӕны портал Сланты Виталийы ныхӕстӕ.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0