Хуссар Иры парламенты спикер карзӕй ӕфхӕры Карабахы ныхмӕ агресси

© Министерство обороны Азербайджана /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры парламенты спикер карзӕй ӕфхӕры Карабахы ныхмӕ агресси
Хуссар Иры парламенты спикер карзӕй ӕфхӕры Карабахы ныхмӕ агресси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕстон архӕйдтытӕ гӕнӕн ис схонын фыдракӕнд адӕмы ныхмӕ, фехъусын кодта Тадтаты Алан

ЦХИНВАЛ, 29 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕрдар Тадтаты Алан карзӕй ӕфхӕры Азербайджаны архӕйдтытӕ Хӕххон Карабахы, ацы хӕст тӕссаг у ӕппӕт регионы ӕдасдзинадӕн.

"Хуссар Ирыстоны парламенты зӕрдӕ ӕхсайы республикӕ Арцахы ныхмӕ гарзджын агрессийы тыххӕй, кӕцы райдыдта ӕххӕст кӕнын Азербайджан 2020 азы 27 сентябры. Хӕстон архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн амардысты сабыр цӕрджытӕ. Уый у фыдракӕнд адӕмы ныхмӕ", - хъусын кӕны парламенты спикеры ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Тадтаты Алан ӕрсидт дунейы ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй конфликт аиуварс кӕной сабырӕй.

Хӕххон Карабахы ӕртыккаг суткӕ цӕуынц хӕстон архӕйдтытӕ. Степанакерт фехъусын кодта, азербайджайнаг ӕфсӕддонтӕ кӕй райдыдтой ӕхсын Хӕххон Карабахы территорийыл. Ис дзы амӕттӕгтӕ сабыр цӕрджыты хсӕн дӕр.

Баку ӕмӕ Ереван кӕрӕдзи аххос кӕнынц конфликты эскалаци. Азербайджаны Хъахъхъӕнынады министрад хъусын кӕны, ӕхсын кӕй райдыдта Сомихы фарс.

Сомихы ӕфсӕддонтӕ та хъусын кӕнынц, Азербайджан кӕй ӕххӕст кӕны уӕлдӕфон ӕмӕ ракетон атакӕ Карабахы ныхмӕ. Бӕстӕтӕ расидтысты мобилизаци.

Уӕрӕсейы ӕддагполитикон уагдон ӕрсидт бӕстӕтӕм, цӕмӕй сабырӕй аиуварс кӕной конфликт.

Ног хабӕртты лентӕ
0