"Allonfilm"-ы киноныв ахызт æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт"-ы финалмæ

© SputnikДокументалон кинонывты премьерæтæ
Документалон кинонывты премьерæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсæддон-патриотикон кинонывты æмæ алæвæрдты X-æм æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт" цæуы Волгограды. Хуссар Ирыстон культурон мадзалы бавдыстгонд у дыууæ кинонывæй

ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны киностудийы фильм ахызт æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт"-ы финалмæ, фехъусын кодта Sputnik киностудийы "Allonfilm"-ы хистæр, фильмы режиссер Мамиты Григорий.

Ӕфсæддон-патриотикон кинонывты æмæ алæвæрдты X-æм æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт" цæуы Волгограды, ацы аз пандемийы аххосæй кусы онлайн форматы. Хуссар Ирыстон культурон мадзалы бавдыстгонд у дыууæ кинонывæй.

"Бавдыстам дыууæ кинойы - "Фарастæй иумæ" æмæ "Пари со смертью". Дыццæджы нын организатортæ фехъусын кодтой, нæ куыст кæй ахызт конкурсы финалмæ. Фестивалæн хатдзæгтæ скæндзысты комкоммæ эфиры", - загьта Мамиты Григорий.

Уымæй размæ фестивалы архайгæйæ Хуссар Иры минæвæрттæ райстой сæрмагонд приз "Хуыздæр сценарий", уæд бавдыстой аивадон-документалон киноныв "IRON VANDEE".

Мамиты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мамиты Григорий: ныфс нӕ ис, кӕсджыты зӕрдӕтӕ кӕй балхӕндзыстӕм

"Пари со смертью" ист у Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Иналы уæззау хъысмæтыл. Уый Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл. Уый бахызта Цхинвал цалдӕр терактӕй, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст.

"Фарастæй иумæ" таурæгъ кæны ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уæрæсейы æххуысы рцыдмæ урæдтой гуырдзиаг хотыхджын æнæкæрон æфсады.

Ног хабӕртты лентӕ
0