Дзæуджыхъæуы раздæры полицæйаджы азымджын кæнынц наркотиктæ парахат кæныны

© Sputnik / Табылды Кадырбеков /  Ахизын медиабанкмæХъадамантæ
Хъадамантæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы Мидхъуыддæгты министрады управленийы 2-æм хайады хистæр оперативон кусæг самал кодта 0,24 граммы наркотикон буарадтæ æмæ сæ уыцы бон ауæй кодта бынæттон цæрæгæн

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны раздæры полицæйаджы ныхмæ рахастой азым наркотикты æнæзаконон зилдухы тыххæй, хъусын кæны регионы Слестгæнæн комитет.

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй 17 июны оперативон кусæг æбæрæг уавæрты самал кодта 0,24 граммы наркотикон буарадтæ æмæ сæ уыцы бон ауæй кодта бынæттон цæрæгæн.

"Уый фæстæ полицийы 29-аздзыд лейтенанты æрцахстой барадхъахъхъæнджытæ. Уымæн тæрхондон рахаста ахæст æмæ азым наркотикты æнæзаконон зилдухы тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0