Хуссар Иры арӕзт цӕуы бӕстӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ мыггаджы мӕсгуыты реестр

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арӕзт цӕуы бӕстӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ мыггаджы мӕсгуыты реестр
Хуссар Иры арӕзт цӕуы бӕстӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ мыггаджы мӕсгуыты реестр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Стыр Ныхас"-ы бынӕттон хайады хъӕппӕрисӕй газет "Республика"-йы рацыд анкетӕтӕ, цӕй руаджы цӕрджытӕн сӕ бон у сӕ хайбавӕрд бахӕссын ацы куыстмӕ. Информаци ӕмбырд цӕудзӕн октябры кӕронмӕ

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны арӕзт цӕуы бӕстӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ мыггаджы мӕсгуыты реестр. Ӕхсӕнадон змӕлд "Стыр Ныхас" сиды адӕммӕ, цӕмӕй фехъусын кӕной бӕстон зонӕнтӕ фарсты фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik змӕлды Хуссар Ирыстоны хайады хистӕр Гаглойты Роберт.

Донхосгæнæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авд дзуары, суаргуырæнтæ æмæ комфорт: цæмæй æлвасы йæхимæ Згъубиры донхосгæнæндон

"Стыр Ныхас"-ы бынӕттон хайады хъӕппӕрисӕй газет "Республика"-йы рацыд анкетӕтӕ, цӕй руаджы цӕрджытӕн сӕ бон у сӕ хайбавӕрд бахӕссын ацы куыстмӕ. Информаци ӕмбырды ӕмгъуыд нысан ӕрцыд октябры кӕронмӕ.

"Газеты руаджы апарахат кодтам сидт, цӕмӕй алчидӕр йӕ зонӕнтӕй баххӕст кӕна иумӕйаг ӕмбырдгӕнӕн. Зонӕнтимӕ анкетӕтӕ бахӕссын хъӕуы Зонад Иртасӕн инститиутмӕ. Ӕнгӕс куыст цӕуы Цӕгат Ирыстоны дӕр. Фыццаг рады уал хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын бӕрӕггӕнӕнтӕ, стӕй уый фӕстӕ та скъуыддзаг цӕудзӕн уый чиныджы хуызы рауадзыны фарст", - загъта Гаглойты Роберт.

Уый ма ӕрсидт ӕмархайдмӕ мыггаджы минӕвӕрттӕм.

Бӕстӕйы кувӕндӕтты иумӕйаг ӕмбырдгонд саразыны фарстыл ныхас цыд Ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадон змӕлд "Стыр Ныхас"-ы X-ӕм уанелы 2018 азы 25 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0