Дыгъуызты Лиана: ахуыргæнæгæй рæсугъддæр дæсниад нæй

© Sputnik / Наталья АйриянДыгъуызты Лиана
Дыгъуызты Лиана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лиана радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Ахуыргæнæджы боны тыххæй
Дыгъуызты Лиана: ахуыргæнæгæй рæсугъддæр професи нæй

Æрвылаз дæр 5 октябры нысан кæнынц Æппæтдунейон ахуыргæнæджы бон. Ахуыргæнæджы куыстæн вазыгджын нысаниуæг ис æхсæнадон райрæзты. Дыгъуызты Лиана дæр ацы хъуыдыимæ разы у æмæ загъта, ахуыргæнæгæй рæсугъддæр æмæ вазыгджындæр професи кæй нæй.

"Иу хатт ма куы райгуырин, уæддæр æвæццæгæн равзарин ахуыргæнæджы дæсныйад", - загъта уый.

Дыгъуызты Лианайы ныхæстæм гæсгæ, алы професи дæр фыццаг рацæуы ахуыргæнæгæй.

"Махæн - ирон адæмæн - фыццаг бынаты хъуамæ лæууа æгъдау, уымæ гæсгæ скъолайы дæр урок хъуамæ райдайа æгъдауæй", - банысан кодта ахуыргӕнӕг.

Уый ма бафиппайдта, алы ахуыргæнæгæн дæр йæ зæрдæйы кæй ис бынат йæ ахуыргæнинæгтæн, уымæн æмæ æнæ уарзондзинадæй ахуыргæнæджы професийæн уæвæн нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0