"Сабитæ - мæ цин æмæ мæ уарзт": Козаты Валя йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ куысты тыххӕй

© Дриаты ЛейлаКозаты Валя йæ ахуыргæнинæгтимæ
Козаты Валя йæ ахуыргæнинæгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 5 октябры нысан кæнынц Ахуыргæнæджы бон. Ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы зын, фæлæ кадджын професси чи равзæрста, уыдон нымæцмæ хауы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Козаты Сæрæбийы чызг Валя дæр

ЦХИНВАЛ, 5 окт– Sputnik, Дриаты Лейла. Ныййарæг мады фæстæ сабимæ æппæты æввахсдæр чи балæууы, кæй рæвдыд æмæ узæлд банкъары æдзухдæр, уый ахуыргæнæг вæййы. Бирæ сты ахуыргæнæджы хæстæ кæстæры раст фæндагыл слæууын кæныны хъуыддаджы, бæрнон сты йæ хæстæ æмæ сæ аскъуыддзаг кæнынмæ кæддæриддæр кæсы бæрндзинады цæстæй, æдзухдæр уыдоныл фæхъуыды кæны.

Ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы зын, фæлæ кадджын професси йæ сомбоны цардæн чи равзæрста, уыдон нымæцмæ хауы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Козаты Сæрæбийы чызг Валя дæр. Валя райгуырд горæтмæ хæстæг - Мамиты хъæуы. Ахуырмæ цыбæл чызг райдианы каст фæци йæ райгуырæн хъæуы цыппар къласы æмæ уый фæстæ та йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы горæты скъолатæй сæ иуы.

Республиканская библиотека им. Анахарсиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скъоладзаутæ зæрдиагæй ахуыр кæнынц Нарты кадджытæ – Дыгъуызты Зæринæ

Козаты зæрдæргъæвд чызджы ахуыры фæндаг æндæр æмæ æндæр скъолаты дарддæр кодта уый фæстæ дæр царды уавæртæм гæсгæ. Дыууæ азы горæты скъолайы ахуыры фæстæ йӕ адарддӕр кодта Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы, ам скъола-интернат кæй уæвынад кодта, уый тыххæй. Ахуырмæ æвзыгъд кæстæр разæнгардæй æххæст кодта йæ ахуыргæнджыты хæслæвæрдтæ æмæ йæ æндæртæн хастой цæвиттонæн.

Фæлæ та ацы ахуыргæнæн уагдоны дæр сахуыр кодта æрмæст дыууæ азы, уый фæстæ та йæ ахуыры фæндагыл ацыд Цхинвалы скъола-интернатмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи фæндонæй нæ. Уыцы рæстæджы скъолайы директор Уалыты Димитр областы скъолатæй æмбырд кодта математикæмæ иууыл æвзыгъддæр скъоладзауты æмæ Козаты чызг дæр бахауд уыдон номхыгъдмæ. Йæ ахуыр хорз æмæ иттæг хорз бæрæггæнæнтыл каст фæуыны фæстæ йæ документтæ балæвæрдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты райдиан ахуырад æмæ методикæйы факультетмæ.

Ахуыр - фæсаууонмæ æмæ кусгæ та кодта Цхинвалы полиграфион куыстуаты. Фæсаууонмæ чи ахуыр кодта, уыдон ахуыры æмрæнхъ хъуамæ кодтаиккой кусгæ дæр, уымæй дарддæр ахуыры фæстæзад дæ, уæд дын нæ фыстой мызд дæр. Козаты чызг куысты дæр æмæ ахуыры дæр уыд раззагон æмæ уæлдæр ахуырад каст фæци 1975 азы.

Тедеты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг: ме ‘стырдӕр хорзӕх – мӕ ахуыргӕнинаджы ӕнтыст

Æвзонг, цардбæллон чызг фæстæдæр йæ амонд ссардта Къостайыхъæуы, чындзы æрцыд Бæззаты бинонтæм. Уæдмæ баци хъæбулты хицау æмæ йæ сæрыхицауимæ радысты сæ цинæй. Фæлæ уæддæр скъола, ахуыргæнæджы куыст, æдзухдæр йæ зæрдæ уыимæ дзырдта. Уыцы бæллиц дæр ын сæххæст 1979 азы æмæ разæнгард æмæ ныфсджынæй æрлæууыд йæ куысты уæлхъус. Уæлдæр ахуыргæнæндоны цы зонындзинæдтæ райста, уыдон æмрæнхъ ноджыдæр куыста йæхиуыл, раззагон ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад биноныг кодта йæ куысты æмæ уымæ гæсгæ сси йæ куысты раззагон.  Валя урокты рæстæджы кæддæриддæр пайда кæны цæстуынгæ æрмæджытæй, уымæ гæсгæ йæ уроктæ вæййынц мидисджын, ахуыргæнинæгтæ сæ æнцонæй бамбарынц. Фæлæ уæддæр алы сывæллон æнцонтæй нæ бахъуыды кæны æмæ бамбары кæцыдæр æрмæг. Уый уайтагъд фæлтæрд ахуыргæнæг фæхаты, ногæй та йын æй бацамоны. Кæд ын зын вæййы йæ бахъуыды кæнын, уæд ын не схæцы уайдзæфтыл, фæлæ йын æрмæг ногæй райхалы фæсурокты.

"Фыццаджыдæр ахуыргæнæгæн хъуамæ æнгом бастдзинад уа ныййарджытимæ. Фæдзурын сын сæ кæстæрты æнтыстытыл æмæ иуæй-иу къуыхцытыл, бамбарын сын кæнын, цæмæй сæм ноджы фылдæр хъусдард здахой", - зæгъы ахуыргæнæг.

   Козаты чызг йæ цæст куы ахæссы йæ куысты раздæры азтыл, уæд бахъæлдзæг вæййы, йæ цæстытыл ауайынц йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ, ныр та хисæрмагонд æмæ æхсæнадон архайды  раззагон адæймæгтæ. Уыдон та сты, абоны бон йæ фарсмæ скъолайы чи фæллой кæны, уыцы ахуыргæнджытæ Джиоты Сюзаннæ, Тегкаты Наташæ, Сæрмæт, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры артист Мамиты Григори, Культурæйы министрады кусæг Джиоты Заирæ æмæ бирæ æндæртæ.

Валя буц у, йæ раздæры ахуыргæнинæгтæй иу дæр мæгуырау фæндагыл лæуд кæй нæу, уымæй дæр. Ацы ахуыргæнæджы æнтыстыл банымайын хъæуы уый дæр, æмæ Ахуырады министрады фæндонмæ гæсгæ республикæйы скъолаты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн иу рæстæджы уагъд кæй æрцыд фæлварæнтæ æмæ Валяйы ахуыргæнинæгтæ иууылдæр кæй райстой иттæг хорз нысæнттæ. Козаты Валя ма къорд азты размæ нымад æрцыд азы хуыздæр ахуыргæнæгыл дæр.

"Сабитæ сты мæ цин æмæ мæ уарзт, ахуыргæнæджы професси та - мæ цард!", - балхынцъ кодта ахуыргæнæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0