Цхинвалы иуварс кӕнынц авари доны хæтæлыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы доны хæтæлыл æрцыд дыууæ аварийы
Цхинвалы доны хæтæлыл æрцыд дыууæ аварийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Донифтонгады хаххыл проблемæтæ фæзынд Джиоты Аланы проспект æмæ БАМ-ы микрорайоны

ЦХИНВАЛ, 5 окт - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы дыууӕ ран фӕзынд доны проблемӕтӕ. Централон уынгтӕй иуы стыдта доны хӕтӕл, БАМ-ы микрорайоны иу хай та баззад ӕнӕ донӕй. Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы Sputnik загътой, ныридӕгӕн куыстуаты къорд кӕй кусы проблемӕ аиуварс кӕныныл.

"БАМ-ы доны проблемӕ иуварс ӕрцыд дысон, дон рацыд. Джиоты Аланы проспектыл дон стыдта уынджы райдайӕны Ӕхсӕзӕм скъоламӕ хӕстӕг дысон ӕнафоны. Сӕумӕ райсом арвыстам бынатмӕ къорд, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ӕмӕ аиуварс кӕной проблемӕ",- загъта Sputnik "Водоканал"-ы хистӕр Цхуырбаты Алан.

Хуыцаубоны изӕры столицӕйы Джиоты Аланы проспектыл стыдта доны хӕтӕл ӕмӕ лӕсӕнтӕ кодта фӕндагыл. Цхинвалы БАМ-ы микрорайоны цалдӕр бирӕуӕладзыгон хӕдзары баззадысты ӕнӕ донӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы доны хæтæлыл æрцыд дыууæ авари
Цхинвалы иуварс кӕнынц авари доны хæтæлыл  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы доны хæтæлыл æрцыд дыууæ авари
Ног хабӕртты лентӕ
0